филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

17:25 среда, 16 октября 2024
16 октября 2024, 10:38
Абон Абхазы райдайдзысты Цæгат Ирыстоны паддзахадон академион театры гастрольтæ

Сфæлдыстадон къорд Сухумы равдисдзæн 2 спектаклы

Абон Абхазы райдайдзысты Тæбæхсæуты Балойы номыл Цæгат Ирыстоны паддзахадон академион театры гастрольтæ. Уый тыххæй фехъусын кодта театры пресс-службæ. Сфæлдыстадон къорд Сухумы равдисдзæн 2 спектаклы. Абон Чанбайы номыл Абхазаг паддзахадон драмон театры аивадуарзджытæ фендзысты Шекспиры пьесæмæ гæсгæ трагеди «Паддзах Лир». Сæвæрдта йæ Ирон театры аивадон разамонæг Уалыты Гиви. 17-æм октябры та Этель Войничы романмæ гæсгæ драмæ «Овод». Уый та сæвæрдта режиссер Эльдар Трамов. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, æрæджы ирон театрæн уыд гастрольтæ Мæскуыйы дæр. Равдыстой дзы 3 спектаклы.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania