Туркаг горæттæ Бейпазары æмæ Анкара цалдæр бонмæ систы, дунейы 12 бæстæйы минæвæрттæ сæ курдиат кæм равдыстой, ахæм фæз
Кавказаг кафты ансамбль «Зæринæ» æппæтадæмон фестивалы фæстæ æрыздæхт Ирыстонмæ. Туркаг горæттæ Бейпазары æмæ Анкара цалдæр бонмæ систы, дунейы 12 бæстæйы минæвæрттæ сæ курдиат кæм равдыстой, ахæм фæз. Июлы та не мзæххон коллектив архайдта Стамбулы фестивалы. Ахæм мадзæлттæм артисттæ сæхи куыд бацæттæ кæнынц, уый тыххæй радзурдзæн Фидараты Маринæ.
12 бæстæйæ сфæлдыстадон коллективтæ сæ национ кæфтытимæ Туркаг горæтты сценæйы. Ацы хатт адæмон сфæлдыстады фестивалы нæ бæстæйы кад хъахъхъæнын æрхауди Беслæны кавказаг кафты ансамбль «Зæринæ»-мæ. Не мзæххонтæ уыдысты æппæтæй ирддæр æмæ аивдæр. Коллектив бацæттæ кодта программæ. Чызджыты кафт, авторон кафт æмæ Хонгæ. Артисттæ сæхæдæг та сæ зæрдæтæм хæстæг айстой туркаг уазæгуарзондзинад.
Ацы балц сын Туркмæ фыццаг нæ уыд. Июлы коллектив архайдта æндæр фестивалы Стамбулы. Уæд сын сæ ирд курдиат се ппæт дæр бафиппайдтой, æмæ сæ ногæй арбахуыдтой. Уæд туркаг горæты мэр коллектив æмæ йæ разамонæг Хъайтмазты Мæдинæйы схорзæхджын кодта зæрдылдарæн призтæй.
Дисы фтауынц куыд уæнгты рог айст, афтæ хореографион номыртæ дæр. Ансамблы репертуары 5 авторон кафты оригиналон музыкæмæ. Хъайтмазты Мæдинæ кавказаг хореографимæ бахаста ногдзинæдтæ. Ныртæккæ ансамблы архайы 80 адæймаджы онг. Се хсæн – йе нæниздзинад хъыгдард кæмæн у, ахæм фæсивæд, сидзæртæ, стæй 2004-æм азы теракты хъыгдард чи баййæфта, уыдон.
Ансамбль «Зæринæ»-йы беслæйнаг студийы архайынц сывæллæттæ æмæ фæсивæд. Иууылдæр иумæ æфтауынц сæ фæлтæрддзинадыл. Уæдæ сын студи ис Дзæуджыхъæуы дæр. Ам та кафты сусæгдзинæдтимæ зонгæ кæнынц, 25 азæй фылдæр кæуыл цæуы, ахæм адæм.
Ацы аз ансамблыл сæххæст 6 азы. Хъайтмазты Мæдинæйы разамындæй уыцы мгъуыдмæ сæдæгай сывæллæттæ базонгæ сты национ кафтимæ, æмæ рахызтысты стыр сценæмæ, систы æцæг профессионалтæ. Æмæ уый нырма у ирд æмæ стыр авиадон фæндаджы райдиан.