Республикæйы культурæйы министрады хъæппæрис хорзыл банымадтой Хицауады æмбырды
Бирæсывæллонджын бинонтæн фадат уыдзæн Цæгат Ирыстоны музейтæм лæвар цæуынæн. Республикæйы культурæйы министрады хъæппæрис хорзыл банымадтой Хицауады æмбырды. Амыдта йæ премьер-министр Дзанайты Барис. Уагæвæрды проекты тыххæй фехъусын кодта культурæйы министр Фидараты Сослан. Иннæ ахсджиаг социалон фарста – республикæйы фæкæсынхъуаг бинонтæй 5-æм – 11-æм кълæсты ахуырдзаутæн лæвар хæрын кæнын. Уый тыххæй фехъусын кодта ахуырады æмæ наукæйы министр Алыбекты Эллæ. Хицауады уæнгтæ ма хорзыл банымадтой, 2022-23-æм азтæн аивады æмæ культурæйы рæзтæн Хетæгкаты Къостайы номыл Паддзахадон преми æмæ сæрмагонд преми дæттынæн фæрæзтæ радих кæныны хъуыддаг. Стыр æргом аздæхтой коммуналон инфраструктурæйы объекттæ республикæйы бæрны бадæттынмæ. Сергей Меняйлойы хъæппæрисмæ гæсгæ, царды уадзынц экономикон рæзты пилотон программæ. Республикæйы бюджетыл дзургæйæ, финансты министры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Оксана Карова загъта, 9 мæймæ субъекты æфтиæгтæ систы 37 миллиард сомæй фылдæр. Хицауад йæ куыст фæвæййы сæйраг финансон документыл куыст хæстæгдæр æртæ азмæ. 2025-æм азмæ нысан кæнынц 40 миллиард сомы æфтиаг райсын.




