филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

09:22 пятница, 01 ноября 2024
30 октября 2024, 10:45
Джыбылаты Зауыры номыл къласы ахуырдзаутæ бабæрæг кодтой Цæгат Ирыстоны паддзахадон автоинспекцийы управлени

Джыбылаты Зауыры номыл музейы фæсивæдæн радзырдтой пъæлицæйаджы хъæбатырдзинады, стæй автоинспекцийы историйы тыххæй

Джыбылаты Зауыры номыл пъæлицæйаг къласы ахуырдзаутæ, Уæрæсейы хъæбатыры ныййарæг Берозты Зæлинæимæ бабæрæг кодтой Цæгат Ирыстоны паддзахадон автоинспекцийы управлени. Мадзалы ма архйдтой мидхъуыддæгты министрады æхсæнадон советы минæвæрттæ дæр. Джыбылаты Зауыры номыл музейы фæсивæдæн радзырдтой пъæлицæйаджы хъæбатырдзинады, стæй автоинспекцийы историйы тыххæй. Скодтой сын лæгдзинады урок дæр. Скъоладзаутæн радзырдтой Зауыры цардвæнаджы цымыдисаг цаутæ, равдыстой сын йæ уæлæдарæс, йæ хæрзиуджытæ æмæ йæ дзаумæттæ. 2012-æм азы 23-æм октябры республикæмæ не рбауагъта террористты машинæ рæмудзæн æрмæгимæ, æмæ афтæмæй йæхи цардæй балхæдта бирæ адæмы æдасдзинад. Зауыры мад Зæлинæ бузныг загъта инспекцийы кусджытæн, йæ фырты ном ын кæй хъуыды кæнынц, уый тыххæй. Фембæлды кæронбæттæн Беслæны скъолайы ахуыргæнинаг радзырдта Джыбылаты Зауырыл фыст æмдзæвгæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania