филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

10:01 четверг, 14 ноября 2024
09 ноября 2024, 12:05
Архонкæйы 1-æм скъолайы арæзт æрцыди фæндаггон змæлды æдасдзинадимæ баст къласы сахат

Урок скодта республикæйы паддзахадон автоинспекцийы пропагандæйы хайад

Архонкæйы 1-æм скъолайы арæзт æрцыди фæндаггон змæлды æдасдзинадимæ баст къласы сахат. Урок скодта республикæйы паддзахадон автоинспекцийы пропагандæйы хайад. 4-æм кълæсты ахуырдзаутæ бацæттæ кодтой тематикон æмдзæвгæтæ æмæ хъæлдзæг зарджытæ. Сæ ахуыргæнæг æмæ инспекторимæ бакуыстой дзырдбыдыл, автоиспекцийы минæвæрттæ сын бацæттæ кодтой хъæзтытæ «Сæмбырд кæн фæндаггон нысан», стæй «Базон фæнаггон нысан». Скъоладзаутæн радзырдтой хæдзарæй скъоламæ æдас маршрутты тыххæй. Зæрдыл æрлæууын кодтой, изæрыгон, стæй фæззыгон-зымæгон рæстæг уæлæдарæсыл рухсгæнæн элементтæ дарын кæй хъæуы, уый. Фæндаггон пъæлицæйаг сывæллæттæн радзырдта, фæндаджы сæрты хизгæйæ телефонтæй пайда кæнын тæссаг кæй у, уый. Скъоладзаутæ мадзалы архайдтой зæрдæргъæвдæй, дзуæппытæ лæвæрдтой фæрстытæн. Дзырд радтой, хорз кæй ахуыр кæндзысты æмæ фæндаггон змæлды фæтк кæй æххæст кæндзысты, уымæй.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania