филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

18:52 суббота, 16 ноября 2024
16 ноября 2024, 13:35
Горæтгæрон районы ацыдысты ведомствæты хсæн антитеррористон ахуыртæ

Сценаримæ гæсгæ, профилактикон мадзæлтты рæстæг, тыхы структурæтæ ссардтой 5 адæймагæй террористон къорд

Горæтгæрон районы ацыдысты ведомствæты хсæн антитеррористон ахуыртæ. Сценаримæ гæсгæ, профилактикон мадзæлтты рæстæг, тыхы структурæтæ ссардтой 5 адæймагæй террористон къорд. Фыдгæнджытæ сæрмагонд службæйы дæлхайæдты уæнгтæн радтой ныхкъуырд æмæ бацархайдтой хъæды уылты ацæуыныл. Тыхы структурæты æмархайды фæрцы фыдгæнджытæ куынæггонд æрцыдысты. Ведомствæты хсæн ахуырты архайдтой æдасдзинады федералон службæйы, мидхъуыддæгты министрады, Уæрæсейы гвардийы, арæнхъахъхъæнджыты управленийы æмæ æнæнхъæлæджы цауты министрады уæнгтæ. Антитеррористон ахуыртæ ацыдысты Кировы районы дæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania