филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

18:52 суббота, 16 ноября 2024
16 ноября 2024, 13:49
Ахуырадон центр «Интеллекты» ацыд, сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæн баххуыс кæныны хæрзаудæн армукъа

Цымыдисаг дзаумæттæ æмæ аивгæнæнтæ Центры хъомылгæнинæгтæ скодтой сæхи къухтæй

Ахуырадон центр «Интеллекты»ацыд, сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæн баххуыс кæныны хæрзаудæн армукъа. Цымыдисаг дзаумæттæ æмæ аивгæнæнтæ Центры хъомылгæнинæгтæ скодтой сæхи къухтæй. Армукъамæ æрбацæуджытæй иу дæр афтидæй нæ аздæхт. Алкæмæн дæр фадат уыди исты балхæнынæн, стæй ацы арфæйаг хъуыддагмæ йе вæрæн бахæссынæн. Уазджытæ зæрдиагæй архайдтой акци «Фыстæг салдатмæ»-йы дæр, бабæрæг кодтой маскировкæгæнæн хызтæ æмæ блиндажы цырæгътæ кæныны дæсныйадæвдисæг ахуыртæ. Армукъайы балхæнæн уыди сæрмагонд купонтæ дæр. Æппæт æфтиæгтæ æрвыст æрцæудзысты райгуырæн бæстæ чи хъахъхъæны, уыдонæн баххуыс кæнынæн. Мадзалы сæйраг партнертæ уыдысты хæрзаудæн фонд «Быть добру», «Адæмон фронт» æмæ «Фыццæгты змæлды» регионалон хайад.

 

 

 

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania