филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

23:09 суббота, 31 января 2026
21 ноября 2024, 10:36
Фæндаггон фыдбылызты амæттæгты æппæтдунеон бон Горæтгæрон районы ацыд акци «Урс зæд»

Бацархайдтой йыл фæндаггон пъæлицæйæгтæ æмæ Камбилеевскæйы астæуккаг скъолайы активисттæ

Фæндаггон фыдбылызты амæттæгты æппæтдунеон бон Горæтгæрон районы ацыд акци «Урс зæд». Бацархайдтой йыл фæндаггон пъæлицæйæгтæ æмæ Камбилеевскæйы астæуккаг скъолайы активисттæ. Акцийы архайджытæ арвмæ суагътой урс шартæ, афтæмæй æрымысыдысты фæндаггон фыдбылызты амæттæгты. Горæтгæрон районы фыдбылызты сæйраг аххосæгтæ вæййынц, машинæ æгæр тагъд кæй фæтæрынц, æмæ фæндаггон змæлды фæтк кæй не ххæст кæнынц, уый. Номарæн акцийæн йæ нысан у фæндæгты æдасдзинад снывыл кæнын

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania