филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

22:52 суббота, 23 ноября 2024
23 ноября 2024, 12:11
Сывæллæтты рæзты Центры арæзт æрцыд наукон-практикон конференци

Семинар сси ахадгæ фæз, Цæгат Ирыстоны, Тюмены, Краснодары æмæ Дæллаг Новгорды сывæллæтты дохтырты, педагогты æмæ ахуыргæндты фæлтæрддзинадимæ зонгæ кæнынæн

«Йе нæниздзинад хъыгдард кæмæн у, æмæ инвалид сывæллæтты педагогтæн æмæ ныййарджытæн нырыккон психологон-педагогон амынддзинæдтæ». Ацы темæимæ баст наукон-практикон конференци арæзт æрцыд сывæллæтты рæзты Центры 95-æм рæвдауæндоны. Семинар сси ахадгæ фæз, Цæгат Ирыстоны, Тюмены, Краснодары æмæ Дæллаг Новгорды сывæллæтты дохтырты, педагогты æмæ ахуыргæндты фæлтæрддзинадимæ зонгæ кæнынæн. Конференцийы архайджытæ куыд загътой, афтæмæй инклюзивон ахуырад у скъолайы агъоммæйы нырыккон ахуырады рæзты фæндаг. Фæлæ уал æнæниз сывæллæтты æмæ йе нæниздзинад хъыгдард кæмæн у, уыцы сабиты иумæйаг ахуырад нырма уал царды уадзынц къæпхæнгай. Цæмæй зындзиндæты сæрты хизай, уый тыххæй хъæуы ныййарджыты æмæ ахуыргæнæндоны коллективы æнгом æмархайдыл кусын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania