филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

19:46 вторник, 03 ноября 2026
04 декабря 2024, 10:36
Планетарийы фæзындзæн космонавтикæйы скъола саразæг Къомайты Русланы номыл музейон равдыст

Зындгонд инженер-конструктор æууæндыд, йæ бæллиц кæй сæххæст уыдзæн, ууыл — Цæгат Ирыстон стъалытæм фæхæстæгдæр кæнын, æмæ рæзгæ фæлтæры космосы тыгъдады сусæгдзинæдтæм цымыдис кæнын

Планетарийы фæзындзæн космонавтикæйы скъола саразæг Къомайты Русланы номыл музейон равдыст. Къомайты бинонтæ скъолайы разамындæн радтой Русланы дзаумæттæ. Зындгонд инженер-конструктор æууæндыд, йæ бæллиц кæй сæххæст уыдзæн, ууыл — Цæгат Ирыстон стъалытæм фæхæстæгдæр кæнын, æмæ рæзгæ фæлтæры космосы тыгъдады сусæгдзинæдтæм цымыдис кæнын. Ныр æнæзæххон тыгъдадимæ зонгæ кæныны фадат ис Дзæуджыхъæуы скъолаты ахуырдзауты æмрæнхъ республикæйы 6 районы сывæллæттæн дæр. Уый тыххæй зондамонджытæн арæзт æрцæуынц сæрмагонд ахуыртæ. Къомайты  Русланы фæндмæ гæсгæ уыдонæн ахуырадон программæ фæзынд ирон æвзагыл дæр. Руслан йæхæдæг уыд Лавочкины номыл зонадон-рауагъдон иугонды генералон директоры хæдивæг, Советон Цæдисы Паддзахадон премийы лауреат. Планетарий æмæ Къомайты Русланы номыл космонавтикæйы скъолайæ цы сывæллæтты космосон центр арæзт æрцыд, уый байгом 2020 азы февралы.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania