Архайдтой дзы Уæрæсейы экономикон рæзты министры хæдивæг Сергей Назаров, профилон ведомствоты æмæ организациты разамонджытæ
Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Сергей Меняйлойы разамындæй уыд, энергетикæйы æмæ цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады куыстуæтты экономикон рæзты пилотон программæйы мадзæлтты штабы æмбырд. Архайдтой дзы Уæрæсейы экономикон рæзты министры хæдивæг Сергей Назаров, профилон ведомствоты æмæ организациты разамонджытæ. Æрныхас кодтой ресурстæй ифтонг кæныны организациты исбон баиу кæныны фæткыл, коммуналон лæггæдты фиддонтыл æмæ хæстыл. Нæ республикæйы цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады, артаджы æмæ энергетикæйы министр Таматы Майрæн куыд радзырдта, афтæмæй ныридæгæн кæронмæ æрхæццæ дондзæуæн æмæ хъармдæттæг куыстуæтты исбоны куыст. Рæстæмбис нымадæй, ивгъуыд мæймæ лæггæдтæн фиддонты æмвæзад сси 80%. Æмбырды ма æрдзырдтой Иумæйаг операторы лæггæдты льготæты тарифтыл. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, 2022-æм азæй фæстæмæ Цæгат Ирыстон хаст æрцыд Цæгат Кавказы федералон зылды æртæ пилотон регионты хыгъдмæ. Уыдоны æххæстгонд цæуы энергетикæйы æмæ цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады куыстуæтты рæзты программæ. Йæ сæйраг нысан – инфраструктурæйыл кусын æмæ фиддонтæ æмбырд кæныны æмвæзад фæуæлдæр кæнын.




