филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

15:07 воскресенье, 22 декабря 2024
21 декабря 2024, 11:55
Йæ 25 азы бæрæг кæны, æнæ хæдзарæй чи баззад, уыцы адæмы социалон приют

Куыстуат æххуыс кæны адæймагæн йæ документтæ ногæй скæнын, хæстæджыты бацагурын, куысты ныллæуын – иу ныхасæй, царды бынат ссарын

Æххуысхъуаг адæмы цæрæн бынат. Йæ 25 азы бæрæг кæны, æнæ хæдзарæй чи баззад, уыцы адæмы социалон приют. Куыстуат æххуыс кæны адæймагæн йæ документтæ ногæй скæнын, хæстæджыты бацагурын, куысты ныллæуын – иу ныхасæй, царды бынат ссарын. Ацæргæ адæмимæ приюты кусынц, национ проект «Демографи»-йы федералон проект «Хистæр фæлтæр» æххæст кæнгæйæ. Бæлвырддæр радзурдзæн Чехойты Фатимæ.

Рæмонаты Раисæ 2 азы размæ йæхицæн æрмæст ног хæдзар не ссардта, фæлæ ма ног бинонтæ дæр. Дзæуджыхъæуккаг социалон приюты дуæрттæ гом сты, царды зын уавæры чи бахауд, уыдонæн се *ппæтæн дæр. Ацы ран адæм фæныфсджындæр вæййынц, цæрын сын свæййы бирæ æнцондæр.

2014 азы кусæнуат æрцыд бындурон цалцæггонд. Стыр агъуыстытæ, ног хæринаггæнæн, нырыккон техникон фæрæзтæ. Нæлгоймæгтæн, сылгоймæгтæн æмæ мадæлтæн сывæллæттимæ ис хицæн уæттæ. Æппæт фадæттæ конд ис, йе *нæниздзинад хъыгдард кæмæн у, уыцы адæмæн. Инвалидттæ, ахæстонæй чи суæгъд, уыдон, ацæргæ адæм, мадæлтæ сывæллæттимæ – ам сæхицæн цæрæн бынат ссардтой царды зын уавæрты чи бахауд, уыцы адæм. Бигъаты Зауырбег майы æрбацыд ардæм. Йæ ныхæстæм гæсгæ, йæ ног цæрæн бынат алцæмæй дæр æххæст у.

Ам кусынц фæлмæнзæрдæ адæм. Уыдонæй алчидæр кæцыфæнды сахат дæр цæттæ у адæймагæн баххуыс кæнынæн. Сæ иумæйаг æнувыд куыст цардмæ бирæты раздæхта. Хъесаты Тамарæ ам цæрæг адæмæн медицинон æххуыс кæны  8 азы дæргъы.

Адæймаджы документтæ ногæй скæнын, хæстæджыты бацагурын, куысты ныллæуын, царды бынат ссарын. Дзæуджыхъæуккаг социалон приюты 25 азы дæргъы адæм исынц алывæрсыг лæггæдтæ, уыдонимæ психологон æххуыс дæр. Хъесаты Валерий рагæй кусы приюты. Йæ зæрдыл ма хорз лæууы, Советон Цæдис куы ныппырх, уæд бæстæйы цас  бирæ æнæхæдзар адæм фæзынд, уый. Уыцы рæстæджы Цæгат Ирыстонмæ хуыздæр цард агурæг цыдысты адæм Хуссар Ирыстонæй, Гуырдзыйæ æмæ Цæцæнæй.

Ныр приюты цæрынц 35 адæймаджы, се *хсæн ис нæ бæстæйы бирæ æндæр регионты минæвæрттæ. Уыдон ам ссардтой сæхицæн ног бинонтæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania