Активон фæсивæды минæвæрттæн кад кæнынц, сæрмагонд акци «Елка мэра» æххæст кæнгæйæ
Ног азы æрвылазон мадзал радон хатт сарæзта Мæздæджы бынтæттон администраци. Активон фæсивæды минæвæрттæн кад кæнынц, сæрмагонд акци «Елка мэра» æххæст кæнгæйæ. Ардæм æрбахауын се ппæты бон нæу. Администрацийы курдиатмæ гæсгæ ахуыргæнæндæттæ равзарынц, фылдæр æнтыстдзинæдтæ чи равдисы, ахæм лæппуты æмæ чызджыты. Уыдонæн сæ бон вæййы уæлахиздзау суæвын, ома сæрмагонд тематикон кубок рамбулын. Се ппæтæн дæр зæрдиаг арфæтæ ракæнгæйæ, Мæздæджы администрацийы сæргълæууæг радта хæрзиуджытæ – статуэткæ æмæ ма йемæ Ног азы лæвар дæр. Хицæнæй бузныг загътой фæсивæды педагогтæн. Мæздæджы «Никæ» лæвæрд æрцыд ахæм девизимæ – «Мы лучшие, мы не подведем». Кæронбæттæны се ппæт дæр сæ къам систой Мæздæджы мэр Тугъанаты Иринæимæ.




