Ам алы зæронд дур дæр сызгъæринæй зынаргъдæр у
Нæ фыдæлты истори бахъахъхъæныны хæс æвæрд ис алкæуыл дæр. Уæлдай æргом здæхт цæуы нæ адæмы историон бынæттæм. Федералон нысаниуæг кæмæн ис, ахæм культурон хæзнайы объект – рагон дзæппаз ис Дзуарыхъæуы. Ам алы зæронд дур дæр сызгъæринæй зынаргъдæр у. Бæлвырддæр хабæрттæ радзурдзæн нæ уацхæссæг Чехойты Фатимæ.
Бæрзонд дуртæ – æнусты хабæрттæ хъахъхъæнджытæ. Абарæн дæр кæмæн нæй, нæ фыдæлты ахæм историон хæзнатæ. Ис сыл фыстытæ, нывæфтыдтæ, фосы нывтæ. Сты цыртытæ. Хохы фæзындысты астæуккаг æнусты кæрон. Æвæрдтой сæ суанг 20 æнусы онг. Рæстæджы цыдимæ уыдонæй бирæтæ æрцыдысты хæлд.
Историктæ æмæ археологтæ сæ хонынц антропоморфон стелæтæ. Адæймаджы гуыры хуызæн у сæ бакаст. Сты чъырдуртæй, змисдуртæй æмæ къæйдуртæй конд. Сæ уæлæ фыстытæй базонæн ис, кæй номыл æвæрд сты, уыцы адæмы нæмттæ, фыды нæмттæ æмæ мыггæгтæ. Ис ма сыл, уæды рæстæджы хъуыдыкæнынадмæ гæсгæ мæрдты бæсты адæймаджы цы бахъуыдаид, уыцы дзауматы нывтæ дæр.
Цыртытыл фенæн ис дзуары æмæ мæйы нывтæ. Уыцы нысантæ бæрæг кæнынц адæймагæн йæ дин. Дуртæ æвæрд сты Скæсæны *рдæм. Ахæм цыртытæ бирæ фенæн ис æрмæст нæ республикæйы нæ, фæлæ æппæт Цæгат Кавказы территорийы дæр.
Ацы стелæты размæ астæуккаг æнусты райдиан æвæрдтой ныллæгдæр цыртытæ. Уыдысты дурæй конд. Фыстытæ, нывæфтыдтæ æмæ сыл фосы нывтæ нæ кодтой.
Фыдæлты хæзнатæ хъахъхъæнын у нæ адæмы иумæйаг хæс. Дзуарыхъæуы зæппадз у, культурон нысаниуæг кæмæн ис, ахæм бынат. Уым æппæты æвидауц дур дæр нымад у стыр хæзнайыл.




