21 января 2025, 10:37
Дзæуджыхъæуы ахуыргæнæндæтты профилактикон мадзæлттæ цæуынц фæндаггон змæлды фæтк зонынæй
Автоинспектортæ æдасдзинады урок скодтой Дзæуджыхъæуы 46-æм скъолайы, спайда кодтой агитацион автобусæй
Дзæуджыхъæуы ахуыргæнæндæтты профилактикон мадзæлттæ цæуынц фæндаггон змæлды фæтк зонынæй. Автоинспектортæ æдасдзинады урок скодтой Дзæуджыхъæуы 46-æм скъолайы, спайда кодтой агитацион автобусæй. Фæсивæд базыдтой, хæдзарæй – скъоламæ æмæ фæстæмæ æдас маршрут куыд саразын хъæуы, уый. Инспектортæ радзырдтой, цæмæй адæймаг фæндаггон фыдбызы архайæг ма суа, уый тыххæй цы фæтк æххæст кæнынхъæуы, уый. Скъоладзаутæм фæсиддысты, уæлæдарæсыл рухсгæнæнтæй пайда кæнынымæ. Афтæмæй сæ талынг рæстæг уындзæн шофыр. Æдасдзинады урочы ма сывæллæтты зæрдыл æрлæууын кодтой, дзоныгътыл бырыны æдасдзинад дæр.
темæмæ гæсгæ




