филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

08:30 воскресенье, 01 февраля 2026
23 января 2025, 10:38
Ногиры дарддæр цæуы хиды рацарæзт

Объект эксплуатацимæ ратдзысты 2025-æм азы фæззæджы

Ногиры дарддæр цæуы хиды рацарæзт. Специалисттæ ныридæгæн сарæзтой 4 быцæуы. Объект куы сцæттæ уа, уæд йæ гæнæнтæ фæфылдæр уыдзысты. Куыстытæ æххæстгонд цæуынц нацпроект «Æдас æмæ хæрзхъæд фæндæгтæм» гæсгæ. Бæлвырддæр радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.

Терчы былгæрæттыл куыстытæ сæ тæмæны сты – Ногиры ахадгæйæ арæзт цæуы ног хид. Цæмæй процесс ма къуылымпы кæна, уый тыххæй арæзтадон фæзыл куыстытæ æххæстгонд цæуынц бæлвырд фæткмæ гæсгæ.

Куыддæр ацы куыстытæ фæуой, афтæ цæугæдоны донвæд аздахдзысты быцæуты бынмæ, æмæ уæд уыдзæн бавналæн иннæ хайы монтажмæ. Объекты фæллой кæны 50 адæймаджы онг, ис дзы техникæйы 15 иуæджы.

Ног хиды иумæйаг дæргъ уыдзæн 136 метры. Йæ уæрæх ратдзæн, алырдæм дæр змæлды фæйнæ 2 рæнхъы сæвæрыны фадат.

Арæзтады алы къæпхæны дæр профилон комитеты минæвæрттæ бæлвырд кæнынц æххæстгонд куыстытæ, кæсынц æрмæджыты æмæ конструкциты хæрзхъæддзинадмæ. Объект эксплуатацимæ ратдзысты 2025-æм азы фæззæджы.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania