филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

08:18 понедельник, 15 декабря 2025
23 января 2025, 10:40
Ног гуманитарон æххуыссы хай

Хæстонтæн се *фсæддон хæс фæрогдæр кæныныл цы адæм архайынц, уыдонимæ иумæ волонтерты змæлд «Семья Победы»-йы  уæнгтæ бийынц маскировкæгæнæн хызтæ

Ног гуманитарон æххуыссы хай. Хæстонтæн се *фсæддон хæс фæрогдæр кæныныл цы адæм архайынц, уыдонимæ иумæ волонтерты змæлд «Семья Победы»-йы  уæнгтæ бийынц маскировкæгæнæн хызтæ. 2022 азы уалдзæгæй нырмæ æххуыс кæнынц, цæмæй сæ бон у, уымæй. Волонтертæ æрвитынц гуманитарон æххуыс æрмæст Цæгат Ирыстонæйнæгтæн нæ, фæлæ сæрмагонд æфсæддон операцийы хъайтартæн се *ппæтæн дæр. Бæстондæр радзурдзæн Чехойты Фатимæ.

Дзæуджыхъæуы 65-æм рæвдауæндоны хъомылгæнджытæ бийынц маскировкæгæнæн хызтæ сæрмагонд æфсæддон операцийы зонæйы архайджытæн. Фæллой кæнынц дыууæ фæлтæрæй. Сæ паддзахадон куысты фæстæ хæстæн æххуыс кæнынц фæсчъылдымы. Хъомылгæнæг Дзбойты Миланæйы ныхæстæм гæсгæ,  волонтерты змæлд «Семья Победы»-йы уæнгтæн раздæр æмбырд кодтой æхца, фæстæдæр сфæнд кодтой семæ æмархайд кæныныл. Ныридæгæн сæрмагонд æфсæддон операцийы зонæмæ арвыстой дæсгай хызтæ. Хъомылгæнинæгты фарсмæ æрбалæууыдысты ныййарджытæ дæр. Хъæугæ æрмæг сын арбаласынц волонтертæ, хатгай йæ сæхæдæг дæр балхæнынц.

Волонтерты змæлд «Семья Победы» 2022 азы уалдзæгæй нырмæ æххуыс кæны хæстонтæн. Республикæйы алы районты цæрджытимæ волонтертæ бийынц маскировкæгæнæн хызтæ, аразынц акъоппыты цырæгътæ, æмбырд кæнынц гуманитарон æххуыс. Сæрмагонд æфсæддон операцийы зонæйы архайджытæм сæ фæхæццæ кæны змæлд «Семья Победы».

Змæлд «Семья Победы» æххуыс кæны æрмæст Цæгат Ирыстонæй рацæуæг хæстонтæн нæ, фæлæ бæстæйы æппæт хъайтартæн дæр. Æфсæддонтæ сæхæдæг фæзæгъынц, цы сæ хъæуы, уый. Волонтерты змæлд «Семья Победы» саразæг Ходы Эллонæйы ныхæстæм гæсгæ,  ам, фæсчъылдымы, дарддæр дæр архайдзысты æххуыс кæныныл.

Волонтерты фарсмæ æрбалæууын у алкæйы бон дæр. Ныр бацæттæ кодтой гуманитарон æххуысы ног хай. Хæстæгдæр рæстæг æй бахæццæ кæндзысты æфсæддонтæм.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania