филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

08:31 воскресенье, 01 февраля 2026
24 января 2025, 10:56
Дзæуыджыхъæуы администраци сфидар кодта кæлæддзаг адæмы рацæуын кæныны муниципалон программæ

Документмæ гæсгæ, дыууæ азы дæргъы 271 бинонтæн ратдзысты ног цæрæнуæттæ

Дзæуыджыхъæуы администраци сфидар кодта кæлæддзаг бирæуæладзыгон хæдзæрттæй адæмы рацæуын кæныны муниципалон программæ. Документмæ гæсгæ, дыууæ азы дæргъы 271 бинонтæн ратдзысты ног цæрæнуæттæ. Уыдон сты Владикавказскийы уынджы æмдзæрæнты цæрджытæ. Ацы азы кæронмæ ног бынæттæм рацæуын кæндзысты 341 адæймаджы 129 фатерæй. Уыдон сты иу хæдзары цæрджытæ. Иннæ дыууæ хæдзары чи цæры, уыцы бинонтæн ног фатертæ ратдзысты 2026-æм азы. Ног цæрæнуæттæ балхæндзысты арæзтадон компани «Спецтепломонтажæй». Фатертæ уыдзысты рæвдз æмæ дзы цалцæггонд уыдзысты хъармы хызтæ, сантехникæ, газы пец.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania