филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

19:55 суббота, 31 января 2026
25 февраля 2025, 10:45
Ветеран Пагæты Алыксандр æнхъæлмæ кæсы 9-æм майы *рцыдмæ

Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы боны кадæн æфсæддон комиссарады минæвæрттæ, паддзахады хардзæй æлхæдтыты Управленийы æмæ социалон æххуысы центры кусджытæ бабæрæг кодтой Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ветеран

Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы боны кадæн æфсæддон комиссарады минæвæрттæ, паддзахады хардзæй æлхæдтыты Управленийы æмæ социалон æххуысы центры кусджытæ бабæрæг кодтой Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ветеран Пагæты Алыксандры. Хæсты хъæбатырыл ацы аз сæххæст уыдзæн 100 азы. Куыд рауад сæ фембæлд, уый тыххæй радзурдзæн Чехойты Фатимæ.

Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ветеран Пагæты Алыксандр æнхъæлмæ кæсы уазджытæм. Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы боны кадæн кадджын хистæрæн арфæ кæнынмæ æрбацыдысты республикæйы æфсæддон комиссар Владимир Скоморох, паддзахады хардзæй æлхæныны Управленийы сæргълæууæг Лагкуты Омар æмæ социалон æххуысы комплексон центры директор Сланты Беллæ.

Джызæйлаг Пагæты Алыксандрæн йæ хæстон фæндаг райдыдта Приморьейы, советон-япойнаг арæнты. Архайдта Выборг немыцæгтæй суæгъд кæныны тохы.  2 хатты фæци цæф. Хæсты фæстæ 30 азы дæргъы службæ кодта денджызон æфсады рæнхъыты. Булкъоны цины фæци йе *фсæддон службæ.

Æнæниз царыдуагыл хæст кæй у, уый руаджы Алыксандр йæхи хорз æнкъары. Дунеон марафон Мæскуыйы, Санкт -Петрбурджы марафон «Дорога жизни»-йы  архайæг Пагæты Алыксандр Сочийы олимпиадæйы рæстæг царди Приморский крайы. Уæд кадджын уавæры хаста олимпиадæйы цырагъ. Алыксандр 99-аздзыдæй дæр зилы йæхимæ. Алы бон дæр фистæгæй фæцæуы 3 километры бæрц. Ныры уазал рæстæджы та  уыцы дæрддзæг ацæуы тренажерæй пайдагæнгæйæ.

Пагæты Алыксандр æнхъæлмæ кæсы 9-æм майы *рцыдмæ. Уæд сбæрæг кæндзæн Стыр Уæлæхизы 80 азы бон.  20 майы та ветераныл сæххæст уыдзæн 100 азы. Æууæндæм, Алыксандр йæ юбилейыл æнæнизæй æмæ зæрдæрухсæй кæй сæмбæлдзæн, ууыл.     

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania