филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

21:23 суббота, 31 января 2026
04 марта 2025, 10:41
Арвы комы фæндаг транспорты æппæт хуызтæн дæр у гом

2 мин машинæйæ фылдæр æнхъæлмæ кæсынц арæнты сæрты ахизынмæ

Арвы комы фæндаг транспорты æппæт хуызтæн дæр у гом. 2 мин машинæйæ фылдæр æнхъæлмæ кæсынц арæнты сæрты ахизынмæ. Æнæ йæ радæй чи сфæнд кæна арæнтыл ацæунымæ, уыдоны кæндзысты ивар æмæ сæ æрвитдзысты æрлæууæнтæм. Сергей Меняйло бахæс кодта, электрон рады фæткмæ карз цæст æрдарын. Уый тыххæй аппаратон æмбырды радзырдта вице-премьер Томайты Ирбег. Æнæнхъæлæджы цауты министрад уалдзæджы ралæудимæ рахиздзæн зынгсирвæзтыты ныхмæ æмæ донивылдтыты ныхмæ тох кæныны куысты фæткмæ. Стыр æргом ма здæхт æрцыди республикæйы эпидемиологон уавæрмæ. Фæлхасадмæ цæстдарды регионалон управленийы информацимæ гæсгæ, ивгъуыд къуыри адæм дохтыртæм æххуысагур цыдысты 11% къаддæр. Ахуырады æмæ наукæйы министр Алыбекты Эллæ загъта, абон карантины æхгæд сты 21 скъолайы æмæ 25 рæвдауæндоны. Сергей Меняйло бахæс кодта, Уæлахизы 80 азы бонмæ æппæт мемориалтæм æмæ зæрдылдарæн бынæттæм базилын. Хорз уаид ацы хъуыддагмæ фæсивæды ргом раздахын. Æмбырды æрдзырдтой цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады фарстатыл дæр. Республикæйы Сæргълæууæг дзуапдæттæг ведомствæтæн загъта, ног хъармгæнæн сезонмæ цæттæ кæнын уалдзæджы кæй хъæуы райдайын, уый. Ныхас цыди 2026-æм курдиæттæ дæттыны кампанийыл дæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania