филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

21:35 суббота, 31 января 2026
06 марта 2025, 10:35
Кусын райдыдта республикæйы ахуырадон программæ «Ирыстоны Намысы» бирæканалон комкммæ телефон

Æппæт фарстаты фæдыл лæвар бадзурæн ис райсомы 9 сахатæй изæры 6 сахатмæ ахæм телефонæй 8 800 201 89 15

5-æм мартъийы кусын райдыдта республикæйы ахуырадон программæ «Ирыстоны Намысы» бирæканалон комкммæ телефон. Æппæт фарстаты фæдыл лæвар бадзурæн ис райсомы 9 сахатæй изæры 6 сахатмæ ахæм телефонæй 8 800 201 89 15. Уый тыххæй фехъусын кодтой сæрмагонд æмбырды. Амыдта йæ Хицауады Сæрдары хæдивæг Платы Альбинæ. 28-æм фервалы райдыдта программæйы фыццаг къæпхæн, æмæ фæуыдзæн 30-æм мартъийы. Уыцы мгъуыдмæ регистраци скæнæн ис проекты сайт доблестьосетии.рф-ы. Уым ис хи кабинет скæнын æмæ анкетæ баххæст кæнын. Абоны онг курдиæттæ балæвæрдтой 100 адæймагæй фылдæр. Апрелы кандидаттæ хъуамæ ацæуой онлайн-тест. Æртыккаг къæпхæн та уыдзæн 14-æм апрелæй 6-æм майы онг. Æвзарæн куыст фæуыдзæн 1-æм июлы. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, ахуырадон программæйы нысан у фæлтæрдджын разамонджыты бацæттæ кæнын, сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæй æмæ ветерантæй, цæмæй уый фæстæ кусой паддзахадон хицаудзинады æмæ бынæттон разамынды оргæнты, стæй æхсæнадон организациты æмæ иугæндты.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania