филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

22:25 вторник, 17 марта 2026
11 марта 2025, 10:42
400 машинæйæ фылдæр сæ радмæ кæй æнхъæлмæ кæсынц уæрæсейаг-гуырдзиаг арæнты сæрты ахизынмæ

Цардархайды алывёрсыг фёрстытыл ныхас цыди, Дзанайты Барисы разамындёй цы ёрвылкъуырион аппаратон ёмбырд ацыд, уым

Цардархайды алывæрсыг фæрстытыл ныхас цыди, Дзанайты Барисы разамындæй цы æрвылкъуырион аппаратон æмбырд ацыд, уым. Регионы оперативон уавæрыл дзургæйæ, вице-премьер Томайты Ирбег фехъусын кодта, 1400 машинæйæ фылдæр сæ радмæ кæй æнхъæлмæ кæсынц уæрæсейаг-гуырдзиаг арæнты сæрты ахизынмæ. Ивгъуыд суткæмæ паддзахадон арæнтыл дыууæрдæм дæр ацыди 18 мин машинæйы æмæ 37 мин адæймаджы. Дзанайты Барис æмбырды архайджытæн бахæс кодта, цæмæй зынгсирвæзтыты сезоны агъоммæ аразой профилактикон мадзæлттæ. Фæкарздæр кæнын хъæуы цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады, артаг æмæ энергетикæйы министрады коммуналон хызтимæ куысты фæтк. Эпидемиологон уавæрыл дзургæйæ, Фæлхасадмæ цæстдарды республикон управленийы разамонæг Тыбылты Алан загъта, 3-аг къуыри грипп æмæ æхснырсæгæй рынчынты нымæц кæны къаддæр. Фæлæ уæддæр, сывæллæтты хсæн ис бирæ рынчынтæ. Сæйраг санитарон дохтыр куыд загъта, афтæмæй ивгъуыд къуыри рабæрæг коронавирусæй 7 рынчыны дæр. Ахуырады министрады бæрæггæнæнтæм гæсгæ ахуыргæнæндæттæ кусынц æрвылбоны фæткмæ гæсгæ. Цæгат Ирыстон цæттæ кæны цалдæр федералон равдысты æмæ форумы архайынмæ. Республикæ йæ хъомыс равдисдзæн Кавказы инвестицион форумы майы Минводы, июны та æппæтадæмон экономикон форумы Санкт-Петербурджы.

 

 

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania