филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

21:40 суббота, 31 января 2026
15 марта 2025, 10:19
Уæрæсейы гвардийы дзæуджыхъæуккаг иугондыл сæххæст 30 азы

Ацы бонты 1995-æм азы арæзт æрцыд 49-æм оперативон бригад

Уæрæсейы гвардийы дзæуджыхъæуккаг иугондыл сæххæст 30 азы. Ацы бонты 1995-æм азы арæзт æрцыд 49-æм оперативон бригад. Уыцы мгъуыдмæ йæ кусджытæ ныфсджынæй архайынц æхсæнадон барад хъахъхъæныныл. Ныр дæр бæрнонæй æххæст кæнынц се службæ. Сæ профессионалон бон бæрæг кæнгæйæ, арæзт æрцыдысты сæрмагонд службæгæнджыты æмæ кинологты равдыстытæ. Бæрæгбон саив кодта æфсæддон оркестр. Уымæй дарддæр хуыздæр кусджытæн радтой паддзахады æмæ ведмоствойы хæрзиуджытæ. Уазджыты хсæн уыдысты службæйы ветерантæ, кадеттæ, скъоладзаутæ, республикæйы разамынды минæвæрттæ. Бæрæгбоны фæдыл арфæтæ ракодта Уæрæсейы гвардийы упарвленийы хицау, пъæлицæйы инæлар-майор Валерий Голота.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania