Нæ бæстæйы ацыд Æппæтуæрæсеон акци — иумæйаг падддзахадон фæлварæн дæттыны бон ныййарджытæн. Уæвгæ арæзт фæцæуы ныр цалдæр азы. Ацы аз та канд Дзæуджыхъæуы нæ уыд, фæлæ республикæйы районты дæр. Ныййарджыты зæрдæмæ уыцы хъæппæрис цæуы. 26-æм скъолайы иумæйаг фæлварæн куыд ацыд, уый тыххæй радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.
Алцыдæр, куыд æцæг фæлварæны рæстæг, афтæ: сбæлвырд кæнын документтæ, æнæмæнг радтын телефон. Иумæйаг паддзахадон фæлварæн кæд æмæ ныййарджытæн у, уæддæр йæ нысан у, банкъарын сын кæнын сывæллæттæ цы уавæрты вæййынц, уый. Джусойты Руслан ардæм æрбацыд, куыд бæрнон кусæг, афтæ нæ, фæлæ куыд фыд. Йæ кæстæр фыртмæ ацы фæлварæн 3 азы фæстæ æнхъæлмæ кæсы, фæлæ Русланы бафæндыд бамбарын, куыд ацæудзæн, уый.
Партæты уæлхъус, скъола раджы каст чи фæцис, уыдон. Сæ разы бындурон математикæйæ хæслæвæрдтæ. Се ппæт дæр куыд зæгъынц, афтæмæй сæрмагондæй нæ цæттæ кодтой. Сæйрагдæр хæс у, зонындзинæдтæ сбæрæг кæнын нæ, фæлæ процедурæйы бæлвырддзинæдтæ базонын.
Рауагъдонты хуызы сæхи афæлварынмæ 26-æм скъоламæ æрбацыд 79 ныййарæджы. Сæ сывæллæттæ ахуыр кæнынц республикæйы алы ахуыргæнæндæтты. Ныййарджытæн сæ бон уыд æрмæст фæлварын радтын нæ, фæлæ скъолайы цæттæдзинад дæр фенын. Зæгъæм, æнæмæнг хъуамæ уа медицинон пункт.
Ныййарджытæн иумæйаг паддзахадон фæлварæн дæттыны иумæйаг бон у æппæтуæрæсеон акци. Ныр цалдæр азы дæргъы арæзт цæуы. Ацы аз уыд æрмæст Дзæуджыхъæуы нæ, фæлæ республикæйы районты дæр.
Ацы аз хатдзæгтæгæнæн паддзахадон аттестацийы зынгæ ивддзинæдтæ нæй. Ногдзинæдтæ ис æрмæст бæлвырдгæнæн-барæн æрмæджыты. Фæлæ ахуырдзаутæн ныридæгæн зонгæ сты. Афæдзы дæргъы фæцæттæ кæнынц фæлварæнтæм, æмæ процедурæйы тыххæй зонынц сæ ныййарджытæй фылдæр. Уæвгæ, ныр ныййарджытæн дæр у сæ фæлтæрддзинады тыххæй радзурын сæ сывæллæттæн.




