Ууыл æрвылкъуырион аппаратон æмбырды æрдзырдта æнæнхъæлæджы цауты министрады минæвар
2 баллы зæххынкъуыст знон райсомæй уыди Попов Хуторы районы. Ууыл æрвылкъуырион аппаратон æмбырды æрдзырдта æнæнхъæлæджы цауты министрады минæвар. Йæ тæккæ равзæрæн уыди 10 км зæххы бын. Цæрджытæй хъаст никæмæ æрбацыд. Цæгат Ирыстоны эпидемиологон къæпхæн у 11% къаддæр, уавæр у бæлвырд хуыздæр. Ивгъуыд къуыри рабæрæг коронавирусæй 4 рынчыны. Рынчындæттæм грипп æмæ æхснырсæгæй бахаудысты 19 хистæры æмæ 67 сывæллоны. Æмбырды ныхас цыди æндæр фарстатыл дæр. Сергей Меняйло бадомдта, Мамысонгомы цæмæй алыхуызон æнæхъуаджы арæзтæдтæ ма фæзыной. Районты сæргълæуджытæн сæ зæрдыл æрлæууын кодта, зæххытæ æнæзакъонæй уæй кæныны хъуыддаг уголовон æгъдауæй кæй цæудзæн æфхæрд, уый. Дондзæуæг хызты куыстуат республикæйы разамынды хæслæвæрдмæ гæсгæ, ацы къабазы æххуыс кæны Запорожьейы облæстæн, стæй Донецкы адæмон республикæйæн. Черниговы районы дæр ивд æрцыдысты, бирæфатерон хæдзæрттæн чи лæггад кæны, ахæм доны хæтæлтæ.




