Мæздæджы кадджын уавæры сбæрæг кодтой бинонты хъомыладæн æххуысы центр «Амонд»-ы 30 азы юбилей. 2020-æм азы куыстуат лæвæрд æрцыди фæллойы æмæ социалон рæзты министрады бæрны. Педагогтæ сывæллæттимæ бацæттæ кодтой Мæздæджы сывæллæтты хæдзары историйы тыххæй кино. «Амонд»-æн арфæ ракæнынмæ æрцыдысты фæллойы æмæ социалон рæзты министры хæстæ æххæстгæнæг Маматы Анджелæ, республикæйы раздæры сæргълæууæг Битарты Вячеслав, Мæздæджы æмæ районы разамынд, алыхуызон куыстуæтты минæвæрттæ æмæ бынæттон æххуысгæнджытæ. Центрæн ис бирæ хæлæрттæ, хъомылгæнинæгтыл узæлынц æмæ сын æххуыс кæнынц. Ацы арфæйаг хъуыддæгты тыххæй Центры кусджытæ хорзæхгонд æрцыдысты кады гæххæттытæй æмæ арфæйы фыстæджытæй. Се хсæн фыццаг бонæй фæстæмæ чи кусы ам, ахæмтæ. Администрацийы кусджытæ, хæринаггæнджытæ, техниктæ, психологтæ æмæ педагоготæ — се ппæты куыстæн дæр скодтой аккаг аргъ. Хъомылгæнинæгтæ та бацæттæ кодтой ирд æмæ цымыдисаг концертон программæ. Сæ видеоарфæтæ æрбарвыстой раздæры хъомылгæнинæгтæ дæр.




