филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

01:30 понедельник, 28 июля 2025
12 июня 2025, 11:09
Цæгат Ирыстоны цæрджытæн сæ кадджын уавæры радта регионы разамонæг Сергей Меняйло

Афтæ, се нæзæрдæхудт фæллойы тыххæй æмæ æнтыстдзинæдты тыххæй «Фыдыбæстæйы раз сгуыхтдзинæдты» ордены майданæй хорзæхджынгонд æрцыд адæмты хæлардзинады Хæдзары хайады хицау Хъайтыхъты Тамарæ

Абон у Уæрæсейы бон. Нæ бæстæйы сæраппонд чи фæллой кæны, уыдоны схорзæхджын кодтой паддзахадон æмæ республикон хæрзиуджытæй. Цæгат Ирыстоны цæрджытæн сæ кадджын уавæры радта регионы разамонæг Сергей Меняйло. Афтæ, се нæзæрдæхудт фæллойы тыххæй æмæ æнтыстдзинæдты тыххæй «Фыдыбæстæйы раз сгуыхтдзинæдты» ордены майданæй хорзæхджынгонд æрцыд адæмты хæлардзинады Хæдзары хайады хицау Хъайтыхъты Тамарæ. Кады гæххæттытæ æмæ арфæйы фыстæджытæ радтой ахуырады, æнæниздзинадхъахъхъæнынады æмæ аивады кусджытæ. Мадзалы æппæты æрыгондæр архайæг уыд – медицинон колледжы студент Гиоты Чермен. Схорзæхджын æй кодтой риуылдаргæ нысанæй æмæ дипломæй «Горячее сердце». Уыцы кады аккаг сси, хъыгдардбаййафджытæн æххуысы æмæ лæгдзинады тыххæй. Сергей Меняйло алкæмæндæр загъта бузныджы ныхæстæ, Цæгат Ирыстоны æмæ Уæрæсейы рæзтмæ стыр æвæрæн кæй хæссынц, уый тыххæй.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania