филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

12:55 пятница, 19 декабря 2025
12 июня 2025, 11:10
Хатдзæгтæ скодтой æфсæддон-патриотон конкурс «Уæлахизы Хъайтарты» фыццаг къæпхæнæн

Баст у Стыр Уæлахизы 80 азимæ

Хатдзæгтæ скодтой æфсæддон-патриотон конкурс «Уæлахизы Хъайтарты» фыццаг къæпхæнæн. Баст у Стыр Уæлахизы 80 азимæ. Сбæрæг кодтой уæлахиздзауты æмæ призерты æмдзæвгæ аив бакæсыны номинацийы 1-æм-4-æм кълæсты ахуырдзауты *хсæн. Мадзал арæзт æрцыд «Иугонд Уæрæсе»-йы æхсæнадон æххуысы штабы. Æдæппæтæй ацы къæпхæны архайдта 132 сывæллоны – горæты скъолаты ахуырдзаутæ, стæй 8 минæвары республикæйы районтæй æмæ Хуссар Ирыстонæй. Конкурсанттæн раарфæ кодта Дзæуджыхъæуы минæвæртты æмбырды сæрдар Таболты Сергей. Æмдзæвгæ аив бакæсыны номинацийы сбæрæг кодтой 16 уæлахиздзауты. Фæлæ æнæ рхъуыдыйæ иу сывæллон дæр нæ баззад. Алкæмæндæр саккаг кодтой кады гæххæттытæ æмæ зæрдылдарæн лæвæрттæ. Дыккаг къæпхæны хатдзæгтæ хуыздæр нывæцæн ныффыссыны номинацийы скæндзысты октябры. Конкурс «Уæлахизы хъайтартæ» арæзт цæуы газет «Владикавказ»-ы хъæппæрисæй æмæ горæты ахуырады управленийы организацион-методикон центры æххуысæй.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania