Хъæздыг программæмæ хаст æрцæудзысты алыхуызон тренингтæ, семинартæ, хъæзтытæ
Лагерь «Звездочка»-йы абон байгом уыдзæн сывæллæтты æмæ фæсивæды фæлтæр «Media Camp». Хъæздыг программæмæ хаст æрцæудзысты алыхуызон тренингтæ, семинартæ, хъæзтытæ. Æвзонг журналисттæ, цалынмæ сменæ цæуа, уæдмæ цæттæ кæндзысты радио æмæ телеуынынады равдстытæ, стæй, кæй зæгъын æй хъæуы, уаддзысты сæ фæллад. Мадзал саразджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй «Media Camp» хъазт нæу, фæлæ профориентацион проект. Ахуырадон программæйыл бæстон бакуыстой мыхуыры хъуыддæгты æмæ дзыллон коммуникациты комитет, уæлæмхасæн ахуырады психологтæ æмæ педагогтæ. Уыимæ программæ арæзт у, 7-14 азы онг сывæллæттæн. Сменæ куы фæуа, уæд æвзонг журналисттæ райсдзысты зонындзинæдтæ æмæ фæлтæрддзинад, стæй ма сæ проектты æмбырдгонд. Æнтыстджындæртæн ратдзысты мыхуыры хъуыддæгты æмæ дзыллон коммуникациты комитеты сертификаттæ.




