Ацы хæслæвæрдмæ Хицауады сæрдар Дзанайты Барис дзуапдæттæг ведомствæты æргом раздæхта курдиæттæ исæн кампанийы фарстаты фæдыл æмбырды
Цæгат Ирыстон хъуамæ активонæй архайа национ проектты æмæ паддзахадон программæты мадзæлтты. Ацы хæслæвæрдмæ Хицауады сæрдар Дзанайты Барис дзуапдæттæг ведомствæты æргом раздæхта курдиæттæ исæн кампанийы фарстаты фæдыл æмбырды. Ныхас дзы цыди 2026-æм 27-æм æмæ 28-æм азты курдиæттыл. Хицаудзинады оргæнтæ федералон министрадтæм документтæ балæвæрдтой социалон инфраструктурæйы объектты арæзтады, рацарæзты, бындурон цалцæджы æмæ аивдзинады къабæзтæм гæсгæ. Дзанайты Барис куыд фæнысан кодта, афтæмæй республикæйæн ис федералон центры механизмты æххуысæй, алы къабазы дæр ис йæ куыст фæхъомысджындæр кæныны фадат. Хицаудзинады оргæнтæн сæ хæс у афоныл документтæ бацæттæ кæнын æмæ курдиæттæ профилон ведомствæтæм бахæццæ кæнын. Уый фæрцы, цардархайды ахсджиаг мадзæлттæ хаст æрцæудзысты паддзахадон прораммæтæм æмæ национ проекттæм. Ахæм куысты фæрцы Цæгат Ирыстоны ныридæгæн арæзт æмæ модернизацигонд æрцыди сæдæгай объекттæ. Уымæй уæлдай, æмбырды ныхас цыди Уæрæсейы федералон æмбырды Советы уагæвæрд царды рауадзыныл. Уым та бæстонæй амынд ис РЦИ-А социалон-экономикон рæзтæн паддзахадон æххуысыл. Æдæппæтæй уагæвæрдмæ хаст æрцыди 35 мадзалы.




