филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

00:53 среда, 17 декабря 2025
22 июля 2025, 11:41
Арвы комы фæндаг гом у транспорты алы хуызтæн дæр

Уый тыххæй аппаратон æмбырды фехъусын кодта республикæйы хицауады сæрдары хæдивæг Томайты Ирбег

Арвы комы фæндаг гом у транспорты алы хуызтæн дæр. Уый тыххæй аппаратон æмбырды фехъусын кодта республикæйы хицауады сæрдары хæдивæг Томайты Ирбег. Куыд загъта, афтæмæй ныртæккæ сæ радмæ æнхъæлмæ кæсынц 1300 машинæйы, уыдонæй 600 сты сæрмагонд æрлæууæнты. Æдæппæтæй электрон рады регистрацигонд ис транспорты 3 мин иуæджы. Ацы цалдæр боны, Цæгат Ирыстоны тæссаг у тыхджын къæвдатæ æмæ æндæр æрдзон фæзындтытæй. Республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйло бахæс кодта, Цæгат Ирыстоны территорийы нуазыны донæй фæлварæнтæ сисын æмæ сæ лабораториты сбæрæг кæнын. Æмбырды ныхас цыди цардархайды æндæр фарстатыл дæр. Регионы разамонæг цы хæстæ радта, уыдоны хсæн – адæмы тæссаг æмæ аварион цæрæнуæттæй æдас ранмæ ракæныны республикон программæ бацæттæ кæнын.

 

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania