филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

09:59 понедельник, 15 декабря 2025
31 июля 2025, 10:32
Арæх чи не мбæлы, ахæм дæсныйæдты хсæн ис ветеринар-дерматолог

Цæрæгойты низтæ иртасын æмæ дзæбæх кæнын домы арф зонындзинæдтæ, стæй ма нырыккон кусæнгæрзтæ дæр

Арæх чи не мбæлы, ахæм дæсныйæдты хсæн ис ветеринар-дерматолог. Уæлдайдæр регионты. Цæрæгойты низтæ иртасын æмæ дзæбæх кæнын домы арф зонындзинæдтæ, стæй ма нырыккон кусæнгæрзтæ дæр. Сæйрагдæр та сæ хъæуы зæрдæйæ уарзын. Цыппаркъахыг пациенттимæ куысты тыххæй бæстондæр радзурдзæн Чехойты Фатимæ.

Хæрзхаст Стичæн процедурæтæ кæд æхсызгондзинад нæ хæссынц, уæддæр сты ахадгæ. Дерматит арæх рабæрæг вæййы францусаг бульдогтæм, уымæ гæсгæ дохтыры амынддзнæдтæн æнæ æххæстгæнгæ нæй.

Къубалты Марианнæ у ветеринар -дерматолог. Дæсныйад Цæгат Кавказы арæх не *мбæлы. Марианнæ 6 азы фæкуыста терапевтæй, иумæйаг практикæйы дохтырæй. Уæд йæ цæст æрхæцыд, цæрæгойтæм буары низтæ арæх кæй фæзынынц, ууыл.  Бафæндыд æй ветеринар-дерматолоджы дæсныйадыл сахуыр кæнын. Йæ диплом райста фарон.

Республикæйы ветеринартæ цæттæ кæнынц æрмæст Хæххон паддзахадон аграрон университеты. Ацы аз факультеты рауагъдонтæ уыдысты 20. Фыццаг курсы студенттæ систы 26 абитуриенты.

Къубалты Марианнæмæ хъуынджын пациенттæ рады фæлæууынц къуырийы бæрц.   Ветеринарæн сæйраг сты куыд йæ профессионалон  миниуджытæ, афтæ йæ дæсныйады ахсджиагдзинады æмбарынад дæр.

Стич видеокамерæйы раз йæ уæз барын нæ бакуымдта – нæ йæ бафæндыд, цæмæй йын йæ хабæрттæ исчи базона. Дохтыры амынддзинæдты руаджы куыдз тагъд рæстæг фæфидар кæндзæн йе *нæниздзинад, суыдзæн рæсугъддæр æмæ цырддæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania