Ног ахуыры азы райдианы агъоммæ бирæсывæллонджын, фæкæсынхъуаг æмæ сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджыты бинонтæн байуæрстой скъоладзауы хызынтæ æмæ æмбæлгæ канцтовартæ
Æрвылазон акци «Иумæ скъоламæ» арæзт æрцыд Дзæуджыхъæуы. Ног ахуыры азы райдианы агъоммæ бирæсывæллонджын, фæкæсынхъуаг æмæ сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджыты бинонтæн байуæрстой скъоладзауы хызынтæ æмæ æмбæлгæ канцтовартæ. Уымæй дарддæр лæппутæн æмæ чызджытæн балæвар кодтой хъазæнтæ, спорптивон уæлæдарæс æмæ къахыдарæс. Хæрзаудæн акцийы спонсор у меценат Юлия Серых. Мадзал саразыныл бакуыстой Ирыстойнаг районы социалон лæггæдты комплексон центр, стæй Адæмон фронты регионалон хайад. Акци аххæссыд 20 сывæллоныл. Ахæм æххуыс тынг ахадгæ у ныртæккæйы рæстæджы, – загътой акци саразджытæ.




