филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

19:18 вторник, 16 декабря 2025
29 августа 2025, 10:33
Дзанайты Барис архайдта, Цæгат Кавказы æмæ Хуссар Федералон зылды товартæй ифтонггæнджытæн бизнес-конференцийы

Премьер куыд загъта, афтæмæй ныртæккæ Цæгат Ирыстоны стыр æргом здахынц бизнесмæ, æмæ регионы разамынд цæттæ у æмгуыстадмæ

Хицауады Сæрдар Дзанайты Барис архайдта, Цæгат Кавказы æмæ Хуссар Федералон зылды товартæй ифтонггæнджытæн бизнес-конференцийы. Премьер куыд загъта, афтæмæй ныртæккæ Цæгат Ирыстоны стыр æргом здахынц бизнесмæ, æмæ регионы разамынд цæттæ у æмгуыстадмæ. Бизнесæн æххуыс кæнынæн Цæгат Ирыстоны пайда кæнынц федералон æмæ регионалон мадзæлттæй. Бæлвырд нысантæ хицауады раз сæвæрдта регионы Сæргълæууæг Сергей Меняйло. Амалхъомдзинадæн алы къæпхæнты цæуы алывæрсыг æххуыс – продукци рауадзыны, парахат кæныны æмæ уæй кæныны хъуыддаджы. Нæ регионы æнтыстджынæй кусынц алыхуызæн фæзтæ. Конференцийы сæйраг нысан у – товартæ аразæг куыстуæттимæ ахадгæ æмгуыстад кæнын. Зæгъдзыстæм ма уый дæр, æмæ конференци амалхъом адæмæн арæзт æрцыд, национ проект «Ахадгæ æмæ ерысхъом экономикæ» æххæст кæнгæйæ. Хъæууонхæдзарадон æмæ промышленнон куыстуæттæн бацæттæ кодтой хъæздыг программæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania