филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

22:25 суббота, 31 января 2026
30 августа 2025, 09:53
Ногиры хиды арæзтад фæхæццæ кæны кæронмæ

Ныридæгæн цæттæ у 85%

Ногиры хиды арæзтад фæхæццæ кæны кæронмæ. Ныридæгæн цæттæ у 85%. Куыстытæ цæуынц фæткмæ гæсгæ, – зæгъынц специалисттæ. Фæци конструкцитæ монтаж, фидар кæнынц Терчы былгæрæттæ. Объект эксплуатацийы раттынмæ фæнд кæнынц ацы аз 1-æм декабры.

Æндадзæн аппаратты æмæ сæрмагонд техникæйы уынæр. Ногиры ног хиды арæзтады бынаты цæуы бæлвырд куыст. Специалисттæ кæнынц кæронбæттæн куыстытæ. Ныры онг фесты 85%. Рæхджы ног транспортон фæрæз баиу кæндзæн Терчы дыууæ былгæроны. Ныртæккæ объекты фæллой кæны 60 адæймаджы æмæ техникæйы 30 иуæджы.

Ног хид уыдзæн зынгæ фидардæр раздæры конструкцийæ, – зæгъынц специалисттæ. Цæджындзтæ сæвæрдтой 18 метры арфы. Уый фæрцы хид бафæраздзæн абухгæ цæугæдонæн. Михайловскæйы рдыгæй йæм бацæугæйæ дæр цæуынц стыр куыстытæ. Фæндаггон кусджытæ активонæй аив кæнынц алфамбылай территори. Бындур цæттæ кæнынц асфальтæн. Подрядон организацийы уаццаджы хицау Кокойты Эрик куыд радзырдта, афтæмæй æппæт куыстытæ цæуынц фæткмæ гæсгæ.

Цæугæдоны раз кусджытæ сæвæрдтой быцæугæнæн цæджындзтæ. Уыимæ ма фидар кæнынц былгæрæтты конструкцитæ дæр. Терчыдоны галиу фарс сæ дæргъ уыдзæн 180 метры, рахизы рдыгæй та – 110 метрæй фылдæр. Уымæй дарддæр специалисттæ ныссыгъдæг кæндзысты донвæд, æмæ йæ фæуæрæхдæр кæндзысты. Ныридæгæн æххæстæй фесты инженерон коммуникацитæ æвæрд. Сног кодтой электрон тыхдæттæг телтæ æмæ канализацион коллекторы монтаж. Зæгъдзыстæм ма уый, æмæ хиды арæзтад  цæуы, национ проект «Цардæн инфраструктурæ» æххæст кæнгæйæ. Объект эксплуатацийы раттын нысан кæнынц ацы аз 1-æм декабры.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania