филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

00:41 среда, 17 декабря 2025
13 сентября 2025, 10:08
Дзанайты Барисы разамындæй арæзт æрцыди инвестициты фарстаты фæдыл республикон Советы æмбырд

Ныхас дзы цыди хъармдæттæг фæрæзтæ кæм араздзысты, ахæм заводы арæзтадыл

Дзанайты Барисы разамындæй арæзт æрцыди инвестициты фарстаты фæдыл республикон Советы æмбырд. Ныхас дзы цыди хъармдæттæг фæрæзтæ кæм араздзысты, ахæм заводы арæзтадыл. Кампанийы минæвар куыд радзырдта, афтæмæй продукци арæзт цæудзæн бынæттон хомагæй.  Куыд банымадтой, афтæмæй проектыл хъуамæ хардзгонд æрцæуа 5 миллиард æмæ 5 сæдæ милуан сомы бæрц. Куысты бынæттæ дзы уыдзæн 2 сæдæ. Æмбырды архайджытæ æрдзырдтой Дзæуджыхъæуы газæй ифтонг кæныны кампанийы кыстæн ахадгæ чи уыдзæни, ахæм фæрæзты арæзтыдыл дæр. Куыстуат архайы газы хæтæлтæ аразыныл, сæ бындурон цалцæгыл æмæ газ дæттæн хызтæ æмбæлгæ уагыл дарыныл. Уымæй уæлдай, ныхас цыди базарады, туризмы æмæ транспортон-логистикон комплексы къабазы  проекттыл. Премьер æмбырды архайджыты æргом аздæхта алы инвестицион проектыл кусгæйæ дæр цы фиппаинæгтæ уыди, уыдонмæ. Бæрнон кусджытæм фæсидт, цæмæй уал, проекттæ царды рауадзыны гæнæнтæн  фыццаг скæной бæрнон аргъ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania