Депутаттæ, Спикер Тускъаты Таймураз сæ сæргъы афтæмæй, федтой физкультурон-спортивон комплекс, бабæрæг кодтой фермерон хæдзарад, фембæлдысты амалхъом адæмимæ
Парламенты Советы цæугæ æмбырд ацыд Дыгуры районы. Депутаттæ, Спикер Тускъаты Таймураз сæ сæргъы афтæмæй, федтой физкультурон-спортивон комплекс, бабæрæг кодтой фермерон хæдзарад, фембæлдысты амалхъом адæмимæ. Парламенты Советы æмбырды æрныхас кодтой районы экономикæйы рæзтыл, лыггæнинаг фарстатыл. Дыгуры районы уыд не сфæлдыстадон къорд. Бæлвырддæр радзурдзæн Чехойты Фатимæ.
Парламенты сæрдары фæрстытæм хъæбысхæсты историйæ æрыгон спортсментæ цæтттæ нæ уыдысты. Ирон богæлтты нæмттæ зонын ныр у сæ хæдзармæ куыст. Чемпион суæвынæн æрмæст хъару чысыл у, ахсджиаг сты алывæрсыг зонындзинæдтæ. Ацы залы тренировкæтæ фæкæнынц 120 адæймаджы. Майдантæ *мбулын алкæмæндæр у йæ бæллиц. Дигорайы спортивон комплексы арæзт сты æппæт уавæртæ физкультурæйæ архайынæн. Тускъаты Таймураз сæ федта йæхæдæг. Республикæйы чемпионкæ Тобойты Радæмæ кæсгæйæ æмбæрстгонд у, уæззау атлетикæйæн стыр фидæн кæй ис, уый.
Физкультурон-спортивон комплексы ис 5 ифтонг залы спорты алы хуызтæй рахайынæн, куыд иунæгæй тых равдисын кæм хъæуы, ахæмтæ æмæ командæйы хъазынæн дæр. Волейболисттæ кæрæдзимæ пурти дæттын ахуыр кæнынц, футболуарзджытæ та голтæ къуырынц. Тускъаты Таймураз лæппуты цымыдисдзинад футболмæ уайтагъд фæбæрæг кодта. Стадион дзы кæй ис, уый фадат дæтты ерыстæ аразынæн.
Физкультурон дзæбæхгæнæн комплекс Дигорайы кусы 8 азы. Уыцы рæстæгмæ бирæ спортсментæ рауагъта. Цæуынц æм куыд хистæртæ, афтæ сывæллæттæ дæр. Парламенты сæрдары ныхæстæм гæсгæ, физкультурæ æрмæст майдантæ æмæ бæрæггæнæтæ *вдисæг нæу, у сæрмагонд философи, йæ размæ бирæ хæстæ ис, уыдоны *хсæн – дзæбæхкæнынад æмæ хъомылад.
Тускъаты Таймураз бабæрæг кодта фермерон хæдзарадтæй иу. Фарон дзы райдыдтой садзын цалдæр хуызы ботаникон гагатæ. Зæххы хай у 4 гектары. Æртæйыл дзы зайы мæнæргъы. Ацы сæрд тыллæг рауад 2 тоннæмæ хæстæг. Иу уый бæрц сæмбырд кæнын та ма фæнд кæнынц сентябры кæронмæ.
Голубикæйы æнæхъæн гектар Цæгат Ирыстоны боныхъæды уавæрты у æнахуыр фæнд. Фермер æмхиц у эксперименттæм. Бирæазон зайæгойы гагатæ уарзынц фæлхасгæнджытæ. Цас тыллæг ратдзæн, уый бæрæг уыдзæн 2026 азы.
Уæдаты Мæирбегæн йæ проект царды рауадзын бантыст хъæууон хадзарады министрады гранты фæрцы. Фемерон хæдзарады рæзтæн райста 12 милуанмæ хæстæг фæрæзтæ. Фæнд кæны дыргъдон саразын фæткъуы æмæ бал бæлæстæй. Уыцы хъыддагæн дæр амалхъом адæймаг спайда кæндзæн паддзахадон æххуысæй. 7 гектары зæххы хайыл куыстытæ райдайдзысты ацы фæззæг.
Паддзахадон æххуысæй раст спайда кæнын у æнтыстджын бизнесы бындур. Уый та муниципалон сконды экономикæйы рæзтыл хорзырдæм æнæфæбæрæггæнгæ нæ фæуыдзæн, загъта Тускъаты Таймураз Дыгуры районы амалхъом адæмимæ фембæлды. Уыдонæн сæ фылдæр равзæрста хъæууонхæдзарадон къабаз. Уæлдай цæстдард æрцыд ног экономикон мадзæлттæ аразынæн.
Дыгуры районы социалон-экономикон уавæры тыххæй æмбырды радзырдта муниципалон сконды сæргълæууæг Цагъаты Сослан. Сæйраг бæрæггæнæнтæ рæзынц. Афтæ, районы арæзт цæуынц ног социалон объекттæ, цалцæг кæнынц, чи дзы ис, уыдон. Хицæн къабæзты фæфылдæр кусджыты мызд.
Лыггæнинаг фарстатæ ис цалдæр къабазы. Сæ иу – фæндæгты уавæр. Кæд иувæрсты цæуæг фæндаджы цалцæджы фæрцы Дигорайы уынгты машинæты нымæц фæкъаддæр, уæддæр дзы бирæтæ сты рацаразинаг. Мостыздæхы нæй культурæйы хæдзар. Фидæнмæ нысантæй иу – саразын доныбылгæрæттæ фидаргæнæн конструкцитæ. Ацы æмæ æндæр фарстатæ хъуамæ лыггонд æрцæуой 2 азы *мгъуыдмæ.
Куысты алы къабазмæ дæр лæмбынæгдæр цæстдарын, уыд районы хицауадæн цы уынаффæтæ загъд æрцыд, уыдонæй иу. Объектты арæзтад æмæ цалцæгæй райдай æмæ бюджеты *фтиæгтæй фæуы. Ахæм ахаст ахъаз уыдзæн экономикæйы рæзтæн, хорзырдæм фæбæрæг уыдзæн адæмы цардыл – статистикæмæ гæсгæ та Дыгуры районы цæрджыты нымæц кæны фылдæр.




