Амыдта йæ Президенты æххæстбарджын минæвар Юрий Чайка
Республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйло архайдта Цæгат Кавказы федералон зылды æдасдзинады, коррупцийы ныхмæ тох кæныны æмæ барад хъахъхъæнынады фарстаты фæдыл координацион æмбырды. Амыдта йæ Президенты æххæстбарджын минæвар Юрий Чайка. Ныхас дзы цыди адæмы æмæ террритори æрдзон æмæ техногенон æнæнхъæлæджы цаутæй бахъахъхъæныныл, æхсæнадон æдасдзинады фарстатыл, стæй экстремистон æмæ террористон фæзындтæ ма руадзыныл. Юрий Чайка куыд фæнысан кодта, афтæмæй Цæгат Кавказы макрорегион хауы алыхуызон æнæнхъæлæджы цаутæй тæссаг кæм у, ахæм территоритæм. Уымæ гæсгæ, æппынæдзух цæстдард домынц хъахъхъæнæн фæрæзтæ, хъусынгæнæн системæ æмæ æнæнхъæлæджы цаутæ иуварс кæныны материалон-техникон фæрæзтæ.




