филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

00:20 понедельник, 15 декабря 2025
29 октября 2025, 12:19
Цæгат Ирыстоны архайдыл Кавказы инвестицион форумы æрныхас кодтой, Дзанайты Барисы разамындæй æмбырды

Форум цæудзæн 2026-æм азы майы Стъараполы крайы Минводы

Цæгат Ирыстоны архайдыл Кавказы инвестицион форумы æрныхас кодтой, Дзанайты Барисы разамындæй æмбырды. Форум цæудзæн 2026-æм азы майы Стъараполы крайы Минводы. Уæвæг форум нымад у егъау цауыл Цæгат Кавказы царды. Уымæ гæсгæ, раздæр азыт куыд уыди, афтæ ныр дæр субъект хъуамæ алывæрсыгæй равдиса йæхи. Хуыздæр æнтыстдзинæдтæ амалхъомдзинады, культурæйы, спорты æмæ æндæр къабæзты. Ахæм хæс сæвæрдта республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйло. Премьер æххæстгæнæн хицаудзинады оргæнты кусджытæн бабар кодта активон æмархайд кæнын бизнес-æхсæнадимæ. Уыимæ алы ведомствойы ждæр хъæуы бæрнон адæймаджы снысан кæнын. Уæлдай æргом здæхт цæудзæн æппæтадæмон экономикон æмгуыстадмæ. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæдзыстæм, форум арæзт цæуы 2023-æм азæй фæстæмæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania