филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

16:43 суббота, 31 января 2026
22 ноября 2025, 09:46
«Герогий Уæлахизхæссæджы кубок» рамбулыны турнир боксæй арæзт цæуы Беслæны

Архайынц дзы 150 спортсмены Цæгат Ирыстоны æмæ Кæсæг-Балхъары 24 клубæй

«Герогий Уæлахизхæссæджы кубок» рамбулыны турнир боксæй арæзт цæуы Беслæны. Традицион ерыстæ цæуынц 5-æм аз. Архайынц дзы 150 спортсмены Цæгат Ирыстоны æмæ Кæсæг-Балхъары 24 клубæй. Ерыстæ цæуынц дыууæ кары – 13 æмæ 14 азы кæуыл  цæуы, ахæм чызджыты æмæ лæппуты хсæн. Турниры рæстæг залы уыди Сыгъдæг Георгийы рагондæр  дзуарынывтæй иу. Дыккаг аз æй æрбаласынц Георгий Уæлахизхæссæджы аргъуанæй. Кубок у – Дзæуджыхъæуккаг æмæ Алайнаг епархийы, чырыстон иугонд «Дзæнгæрæг», республикæйы боксы федерацийы стæй физкультурæ æмæ спорты министрады хъæппæрис. Мадзал аразджытæ уæлдай бузныг сты Рахизфарсы районы, стæй Беслæны спортивон-дзæбæхгæнæн комплексы разамындæй. Кубоктæй æмæ майдантæй уæлдай ма ерысты архайджытæн бацæттæ кодтой æндæр призтæ дæр. Турнир фæуыдзæн абон.

 

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania