05 декабря 2025, 10:33
Цæгат Ирыстоны раззагдæр проекттыл ныхас цыд, Дзанайты Барисы разамындæй æмбырды
Экономикон къабазы сты 5 проекты, сæ иумæйаг аргъ 70 миллиард сомы
Цæгат Ирыстоны раззагдæр проекттыл ныхас цыд, Дзанайты Барисы разамындæй æмбырды. Экономикон къабазы сты 5 проекты. Сæ иумæйаг аргъ 70 миллиард сомы. 2030-æм азмæ хъуамæ фæзына 4 мин ног куысты бынаты. Проекттæ царды уадзын куы райдыдтой, уæдæй сыл схардз кодтой 57 миллиард сомы, æмæ фæзындысты 2 мин куысты бынатæй фылдæр. Ныридæгæн эксплуатацийы радтой Æппæтадæмон аэропорт «Дзæуджыхъæу»-ы ног аэровокзалон комплекс. Бындур сæвæрдтой фæткъуы бæлæсты дыргъдонæн. Стыр куыст бакодтой хъæрмуæттæ саразыны фæдыл. Аграрон куыстуат ис Горæтгæрон районы. Хъæуы æппæт мадзæлтты мониторинг скæнын, – загъта премьер-министр. Бабар ма кодта егъау инвестицион проекттæн анализ скæнын.
темæмæ гæсгæ




