06 декабря 2025, 09:42
Парти «Иугонд Уæрæсе»-йы фарсхæцджыты хъæппæрисæй арæзт æрцыд æппæтуæрæсеон хæрзаудæн акци «Хъæбатырдзинады къопп»
Йæ сæйраг нысан у – дзæбæхгæнæн кусæнуæтты æмæ хосписты бирæ рæстæг йæхи чи дзæбæх кæны, уыцы сывæллæттæн баххуыс кæнын
Парти «Иугонд Уæрæсе»-йы фарсхæцджыты хъæппæрисæй арæзт æрцыд æппæтуæрæсеон хæрзаудæн акци «Хъæбатырдзинады къопп». Йæ сæйраг нысан у – дзæбæхгæнæн кусæнуæтты æмæ хосписты бирæ рæстæг йæхи чи дзæбæх кæны, уыцы сывæллæттæн баххуыс кæнын. Нæ бæстæйы алы регионты, партийы æххæстгæнæн комитетты, стæй Иугонд Уæрæсейы æхсæнадон æххуысы штабты сæвæрдтой, лæвæрттæ æмбырд кæнынæн бокстæ. Партийы цæгатирыстойнаг минæвæрттæ «Хъæбатырдзинады къоппытæ» радтой сывæллæтты республикон рынчындоны пациенттæн.
темæмæ гæсгæ




