филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

17:39 суббота, 13 декабря 2025
12 декабря 2025, 11:36
2023 – æм 24-æм азты горæты æнцонвадат царды программæ куыд æххæстгонд æрцыди, уый хатдзæгтыл ныхас цыди парламенты советы æмбырды

Куыд фæбæрæг кодтой, афтæмæй профилон министрадæн программæ царды рауадзынæн дихгонд æрцыди 760 милуан сомы, уыдонæй 710 милуаны федералон бюджетæй, 49 милуаны республикæйы бюджетæй

Цæгат Ирыстоны цæрæнуæтты – коммуналон хæдзарады къабазæн кæй снысан кодтой, бюджеты уыцы  фæрæзтæ куыд хардзгонд æрцыдысты, стæй  2023 – æм 24-æм азты горæты æнцонвадат царды программæ куыд æххæстгонд æрцыди, уый хатдзæгтыл ныхас цыди парламенты советы æмбырды. Куыд фæбæрæг кодтой, афтæмæй профилон министрадæн программæ царды рауадзынæн дихгонд æрцыди 760 милуан сомы, уыдонæй 710 милуаны федералон бюджетæй, 49 милуаны республикæйы бюджетæй. Уыцы рæстæгмæ рацарæзтой æмæ саив кодтой 81 æхсæнадон зонæйы æмæ 45 хæдзары кæрты, уымæй уæлдай æххæстгонд æрцыдысты 4 проекты. Фæлæ, дзуаппдæттæг ведомствæ куыд хъусын кæны, афтæмæй Нары хъæуы подрядон организаци куыстытæ афоныл нæ сæххæст кодта. Муниципалон контрактмæ гæсгæ сын авансы хуызы цы 9 милуаны æмæ 145 мин сомы радтой, уыцы фæрæзты куыстытæ конд не рцыдысты. Абоны онг проект у æрдæгконд. Аиппытæ хаст æрцыди муниципалон скондты администрациты бухгалтерты хыгъдтæм дæр. Æртæ хъæуы бæрæггæнæнты акттæ лæвæрд æрцыдысты прокуратурæмæ. Депутаттæ хорзыл банымадтой паддзахадон думæйы депутатты хъæппæрис, «Æфсæддон намысы æмæ Уæрæсейы зæрдылдарæн бонтæ» федералон закъонмæ бахæссыны тыххæй.

 

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania