филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

18:43 вторник, 17 марта 2026
11 февраля 2026, 10:35
Цæгат Ирыстоны дохтыртæ-онкологтæ Тобойты Давид æмæ Зæнгионты Эдуард хаст æрцыдысты хуыздæрты хыгъдмæ

Æппæт хъарутæй архайынц ууыл, цæмæй сæ пациенттæн балæвар кæной ныфс æнæнизæй цæрынæн

Цæгат Ирыстоны дохтыртæ-онкологтæ Тобойты Давид æмæ Зæнгионты Эдуард хаст æрцыдысты хуыздæрты хыгъдмæ. Æппæт хъарутæй архайынц ууыл, цæмæй сæ пациенттæн балæвар кæной ныфс æнæнизæй цæрынæн. Алы бон дæр равдисынц сæ профессионалон хъæбатырдзинад, æмæ аирвæзын кæнынц адæймаджы цард. Æппæтуæрæсеон преми «Будем жить» расидти онкологон пациентты ассоциаци. Ацы аз æм балæвæрдтой 200 курдиатæй фылдæр. Бæлвырддæр хабæрттæ радзурдзæн Чехойты Фатимæ.

«Жемчужина в профессии» – дæнцæгæнхæссинаг адæймаджы къухты аккаг хæрзиуæг.  «Хистæрты хуыздæр онколог» – номинацийы ном – рынчынты хъуыдытæ *вдисæг. Тобойты Давид у медицинæйы зындæр къабазы хирург. Сси æппæтуæрæсеон зындгонд преми «Будем жить» -ы лауреат.  Хæрзиуæг æрмæст йæхи нæ нымайы, хоны йæ æппæт коллективы зæрдиаг куыст æвдисæн.

17 азы дæсныйады. Дохтыр суæвын Тобойты Давидæн бæлвырд уыд йæ сабибонтæй – йæ алыварс уыдысты, Гиппократы фæдзæхстытæ чи *ххæст кодта, уыдон. Дæсныйад æй йæхæдæг равзæрста. Фæстаг 10 азы Давид кусы республикон онкологон диспансеры. Разамынд дæтты хайæдтæй иуæн. Хирург бирæ рæстæг æрвиты операцитæгæнæны. Кæд дæсныйад зын у, уæддæр медицинон академийы рауагъдон цы фæндаг равзæрста, ууыл фæсмон нæ кæны.

Уыцы фæлтæрдæй æххæст сты, дæсныйадмæ зæрдæйы фæндонмæ гæсæ чи *рбацыд, уыцы дохтыртæ. Зæнгионты Эдуардæн диспансер у фыццаг æмæ иунæг куысты бынат.  38 азы дзæбæх кæны рынчынты. Йæ бон уыд  юрист суæвын дæр, фæлæ равзæрста медицинæ. Ныртæккæ хирург арæхстджынæй кæны администативон куыст дæр – у сæйраг дохтыры хæдивæг.

Дæсныйад уарзон кæй у, ууыл дзурæг, Эдуард медицинæйæн цы бирæ азтæ снывонд кодта, уый. Уымæн æвдисæн преми «Будем жить»-ы хæрзиуæг номинаци «На службе добра»-йы.

Зæнгионты Эдуард æмæ Тобойты Давид медицинон кусджыты æрыгон фæлтæрæн сты дæнцæг. Се *нтыстдзинæдтæ разæнгард кæнынц, медицинæйы фыццаг къахдзæфтæ чи кæны, уыдоны. Онкологийы къабаз бирæтæ нæ равзарынц. Фæлæ Зæнгионты Эдуарды фырт йæ фыды хуызæн сси онколог. Æмæ уымæй ис сæрыстыр уæвæн. Преми «Будем жить»-ы æнæрхъуыдыйæ нæ баззадысты сывæллæтты онкологтæ дæр.   Номинаци «Там, где живет надежда»-йы хуыздæрыл нымад æрцыд республикæйы сывæллæтты клиникон рынчындоны онкогематологийы хайад. Байгом 14 азы размæ. Уыцы рæстæгмæ цал æмæ цал чысыл рынчынæн баххуыс кодта!

Æппæуæрæсеон преми «Будем жить» у онкологон рынчынты ассоциаци «Здравствуй!»-ы  хъæппæрис. Æрвылаз æй саккаг кæнынц бæстæйы хуыздæр онкологтæн. Ацы аз балæвæрдтой 200 курдиатæй фылдæр. Ассоциацийы регионалон хайады  активисттæ æмгуыстад кæнынц республикæйы куыстуæттимæ.

Цæгат Ирыстоны онкологтæ кæнынц сæ бон цы у, æмæ цы нæу ,уый дæр, цæмæй сæ рынчынтæ зæгъой «Будем жить». Иннæтæ сæ къухтæ кæм æруадзынц, уым дæр сын сты ныфсы хос. Зæрдиагæй цæттæ сты профессионалон хъæйтардзинад равдисынмæ, хæрзиуджытæ райсыны тыххæй нæ. Сæ сæйраг нысан у – адæймаджы цард фервæзын кæнын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania