Стыр æргом аздæхтой, ламидæттæ рацæуынæй тæссаг кæм у, ахæм бынæттæй адæмы æдас цæрæнуæттæм ракæныны фарстамæ
Уæрæсейы Президент Владимир Путины уынаффæтæ куыд æххæстгонд цæуынц, ууыл ныхас цыд хицауады сæрдар Дзанайты Барисы разамындæй арæзт æмбырды. Стыр æргом аздæхтой, ламидæттæ рацæуынæй тæссаг кæм у, ахæм бынæттæй адæмы æдас цæрæнуæттæм ракæныны фарстамæ. Бæстон доклад скодта арæзтады æмæ архитектурæйы министры фыццаг хæдивæг Тъехты Алан. Федералон министрадмæ балæвæрдтой, тæссаг рæтты кæй хæдзæрттæ ис, ахæм бинонты хыгъд. Уымæй дарддæр нысанты ис республикæйы онкологон диспансеры реконструкци. Специалисттæ цæттæ кæнынц проектон-сметон документаци. Президенты амынддзинæдты ма сты Дзæуджыхъæуы фондз хиды ахизæны модернизаци. Объекттæн скæндзысты проектон документаци, æмæ сыл уæд бакусдзысты. æркастысты ма былгæрæттæ фидаргæнæн конструкциты бындурон арæзтадмæ. Ахæм куыст 2025-æм азæй фæстæмæ цæуы Дзуарыхъæуы. Иннæ къæпхæн уыдзæн Ногхъæуы æмæ Суададжы. Хицæн ныхас цыд Беслæны 1-æгæм скъолайы æппæтадæмон культурон-патриотон центры музейон экспозици саразыныл. Фыццаг къæпхæн фæци 2025-æм азы. Дыккаг та фæуынмæ хъавынц ацы аз майы. æргом аздæхтой астæуккаг профессионалон ахуырадмæ, социалон инфраструктурæйы объекттæ аразынмæ æмæ æндæр фарстатæм.




