филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

18:43 вторник, 17 марта 2026
07 марта 2026, 09:47
Парти «Иугонд Уæрæсе»-йы Дзæуджыхъæуы æхсæнадон исæнуаты фидæны студенттæн скодтой лæвар консультацитæ ахуырады фарстаты фæдыл

Фембæлд арæзт æрцыд, абитуриентты исыны Иумæйаг боны фæлгæты

Парти «Иугонд Уæрæсе»-йы Дзæуджыхъæуы æхсæнадон исæнуаты фидæны студенттæн скодтой лæвар консультацитæ ахуырады фарстаты фæдыл. Фембæлд арæзт æрцыд, абитуриентты исыны Иумæйаг боны фæлгæты. Скъоладзаутимæ ныхас кодтой Цæгат Ирыстоны экономикæйы æмæ разамынды факультеты ахуыргæнджытæ. Фæсивæдæн радзырдтой сæ цæттæдзинады гæнæнты тыххæй. Абитуриенттæн ма равдыстой видеопрезентаци уæлдæр ахуыргæнæндоны, йæ факультетты æмæ ахуырады уавæрты тыххæй. Хицæнæй æрлæууыдысты интернет-сервис “Поступление в вуз онлайн”-ы тыххæй. Уый кусы Паддзахадон лæггæдты порталы, æмæ фадат дæтты гæххæттытæ дистанцион хуызы цалдæр факультетмæ бадæттынæн. Стæй ма конкурсон хыгъдтæм комкоммæ цæстдарынæн. Мадзал саразджыты хъуыдымæ гæсгæ, ахæм фембæлдтытæ рауагъдонтæн æххуыс кæнынц гæххæттытæисæн кампаниимæ хуыздæр базонгæ уæвынæн, æмæ фидæны дæсныйад равзарынæн.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania