филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

18:43 вторник, 17 марта 2026
12 марта 2026, 13:12
Сергей Меняйлойы разамындæй ацыд Паддзахадон Думæмæ æвзæрстыты рагагъоммæ хъæлæс кæныны фарстаты фæдыл организацион комитеты æмбырд

Æвзæрстытæм рагагъоммæйы хъæлæс кæныны процедурæйы архайын сæ бон у, регионы регистрацигонд чи у, уыдонæн се ппæтæн дæр

Республикæйы Сæргълæууæг, парти «Иугонд Уæрæсе»-йы регионалон хайады секретарь Сергей Меняйлойы разамындæй ацыд, 20-æм сентябры Паддзахадон Думæмæ æвзæрстыты рагагъоммæ хъæлæс кæныны фарстаты фæдыл организацион комитеты фыццаг æмбырд. Комитеты хыгъдмæ хаст æрцыдысты партийы уæнгтæ æмæ йæ фарсхæцджытæ, æхсæнадон архайджытæ, фæсивæдон организациты минæвæрттæ, дзыллон хабархæссæг фæрæзты минæвæрттæ, стæй сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæ. Уыдон сæ цæст дардзысты æвзæрстыты цыдмæ. Æвзæрстытæм рагагъоммæйы хъæлæс кæныны процедурæйы архайын сæ бон у, регионы регистрацигонд чи у, уыдонæн се ппæтæн дæр. Конд у электрон хуызы паддзахадон лæггæдты уылты. Кандидатты регистраци кæнын райдыдтой 11-æм мартъийы æмæ ахæсдзæн 30-æм апрельмæ. Æвзарджытæ та традицимæ гæсгæ, хыгъд цæудзысты паддзахадон лæггæдты, 20-æм апрелæй 29-æм майы онг. Сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæн ма кæронбæттæн бæрæггæнæнтыл уæлæмхасæн хуызы æфтаудзысты 25%, стæй ма сын уыдзæни партион уæлдæр скъолайы бындурыл ахуыртæ райсыны фадат дæр. Хатдзæгтæм гæсгæ, алы кандидат дæр хъуамæ райса партион статус – партийы уæнг, кæнæ та йæ фарсхæцæг. Хъæлæс кæныны процедурæ уыдзæн 25-æм майæ 31-æм маймæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania