21 апреля 2026, 10:30
Цæгат Ирыстоны хъармгæнæн сезон фæуыдзæн майы фыццаг бонты
Уый тыххæй аппаратон æмбырды фехъусын кодта цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады, артаджы æмæ энергетикæйы министр Хъараты Тимур
Цæгат Ирыстоны хъармгæнæн сезон фæуыдзæн майы фыццаг бонты. Уый тыххæй аппаратон æмбырды фехъусын кодта цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады, артаджы æмæ энергетикæйы министр Хъараты Тимур. Ныхас цыди Арвы Комы фæндагыл дæр. Гом у машинæты æппæт хуызтæн. 3 мин уæзласæн машинæйы рады лæууынц арæнты сæрты ахизынмæ. Уыдонæй 2 мины æмæ рдæг сты электрон рады. Цæстдарæн-уадзæн пункты цур равæрдтой хъармгæнæн бынат. Ахуырады æмæ наукæйы министр Алыбекты Эллæ куыд фехъусын кодта, афтæмæй Дагестанæй цы сывæллæттæ ссыди нæ республикæмæ, уыдоны хсæн ис æхснырсæгæй рынчынтæ. Скодтой сын æппæт уавæртæ, цæмæй се нæниздзинад схорз уа.




