филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

15:19 пятница, 19 июня 2026
25 апреля 2026, 12:35
Дзанайты Барис ведеоконференцийы хуызы цы æмбырды архайдта, уым ныхас цыди Уæллаг Ларсы электрон рады системæйы куыстыл

Мадзал ацыд Уæрæсейы транспорты министры хæдивджытæ Валентина Иванова æмæ Игорь Костюченкойы разамындæй

Дзанайты Барис ведеоконференцийы хуызы цы æмбырды архайдта, уым ныхас цыди Уæллаг Ларсы электрон рады системæйы куыстыл. Мадзал ацыд Уæрæсейы транспорты министры хæдивджытæ Валентина Иванова æмæ Игорь Костюченкойы разамындæй. Сæйраг темæты хсæн – Архонкæйы фæндаг блок – модультæй æмæ æндæр уæлæмхасæн техникон фæрæзтæй сифтонг кæнын. Уыдон хъæуынц Уæрæсейы транспортмæ цæстдарды службæйы кусджыты архайдæн æмæ уæзласæн машинæты шофырты æнцойдзинадæн. Уымæй уæлдай, ныхас цыди шофырты уавæртæ фæхуыздæр кæныныл, фæндаггон лæггæдты райрæзтыл æмæ интернеты æнæкъуылымпы куыстыл. æмбырды хатдзæгтæм гæсгæ, бакуыстой сæрмагонд пъланыл. Ахæм хуызы цæстдарæн-уадзæн пункты куыст зынгæ фæахадгæдæр уыдзæн.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania