02 июня 2026, 10:31
Республикæйы клиникон рынчындоны арæндоны байгом патологийы хайад
Ис дзы 20 бынаты
Республикæйы клиникон рынчындоны арæндоны байгом патологийы хайад. Ис дзы 20 бынаты. Сæвæрдтой нырыккон ифонггæрзтæ – инкубатортæ, сæрмагонд стъолтæ, туаггуырæн уæлæмхасæн фæрæзтæ. Уæдæ ног хайад ифтонг у æмбæлгæ специалисттæй дæр. Чысыл пациенттæн сæ бон уыдзæн кардиологы, неврологы æмæ хирургы консультацитæ исын. Проект царды рауагътой, национ проект «Дæргъвæтин æмæ активон цард» æххæст кæнгæйæ.




